Бархионты æххуыс

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

9 лет назад

Хорздзинад саразын, адæмы фæзæрдæрухс æмæ фæхъæлдзæг кæнын. Ирыстоны ахæм хорздзинад чи аразы, уыдон бирæ сты. Адæмы фарсмæ æнгом æрбалæууынц, зындзинады чи ис, æххуысмæ чи нхъæлмæ кæсы, уыдонæн свæййынц сæ хæрзгæнджытæ. Уæвгæ фæкæсын адæргæй йæ былтæ чи ракъуыр-бакъуыр кæны, ахæмтæ дæр разыны.  Фæлæ бархионтæй афтæ зæгъæн нæй. Адæмæн баххуыс кæнын сæхицæн удыбæстæйыл нымайынц. Хуымæтæджы нæ фæзæгъынц, зæхх ахæмтæй фидауы, зæгъгæ. Нæ уацхæссæг Пелиты Сабинæ тынг уарзы ахæм адæмыл дзурын. Адæмы æххуысыл Мæргъиты Иринæ ахуыр нæ уыд, уый тыххæй æфсæрмыгæнгæйæ лæууы иуварс. Æхсæз сывæллоны мад. Йæ сæрыхицау кусы алыхуызон куыстыты, фæлæ уыдон дæр æнæпаддзахадонтæ сты. Мыздмæ дæр хайгай уымæн æнхъæлмæ кæсы. Бинонтæ тыххæйты баххæст кæнынц сæ царды домæнтæ. Фæлæ сын ацы `ххуыс хъæугæ рæстæг фæци. Мæргъиты Иринæ: «Ахæм æххуыс нæ бахъыгдардта Баситы Мадинæйы дæр. Баззади идæдзæй æртæ сывæллонимæ. Дыууæйæ дзы сты инвалидтæ. Мад - йæхæдæг дæр. Бинонтæн чи баххуыс кæна, ахæмтæ нæй. Хæдзары уавæртæ - Хуыцау бахизæд: мидæгæй - æддейæ уазалдæр. Фæлæ сылгоймаг куыд загъта, афтæмæй йын æппæты зындæр у гæрстæ `хсын». Такъæты Мадинæ ацы хъуыддаг кæнын райдыдта мæй размæ. Йе `мбæллтимæ зæрæдты хæдзар «Забота»-мæ куы ацыдысты, уæдæй фæстæмæ. Фæзынд æм ахæм фæнд, æххуысцух чи у, уыдонмæ истæмæй фæкæсын. Дурзæрдæтæ бирæ не сты. Æххуыс кæнынц чи - хæлцæй, чи - дзаумайæ. Æнæххæст мæймæ сæ бон сси 20 бинонтæн баххуыс кæнын. Сæ пълæнтты ис уыцы куыст парахат кæнын. Такъæты Мадинæ: «Кæмæндæр йæ сыхаг тыхст вæййы, кæмæндæр йæ зонгæ адæймаг. Фæхъусæм сæ адæмæй, телефонæй нæм дзурынц, кæнæ та инстаграммæ фыссынц. Раст зæгъгæйæ, бирæ сты ахæм бинонтæ. Фæлæ сын, хъыгагæн, не `ххуыс кæнынц, нæ сæ уынынц. Хорздзинад кæнæм, æмæ нын ацы хъуыддаг удæнцой хæссы». Бархионтæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ хъуыддагыл уыйас бирæ тых æмæ рæстæг дæр нæ хардз кæнынц. Чысыл зæрдæбын ми дæр ахъаззаг у. Бархионтæ уымæн - æрвылбоны `вдисæнтæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Бархионты æххуыс

Категория:

Новости и СМИ