Æхсызгон хабар
Европæйы ерысты дзюдойæ Таймазты Мадинæ рамбылдта сыгъзæрин майдан. Турнир уыд Берлины. Ирон чызг хæцыд 70 киллограмы онг уæзы. Рамбылдта италиаг спортсменкæйы. Ерыс æнцон нæ уыд. Фæлæ тренеры амынддзинæдтæ зæрдыл даргæйæ æмæ уæлахизмæ тырнгæйæ, Таймазты Мæдинæ равдыста хорз техникæ æмæ цæттæдзинад. Æрыгон спортсменкæ куыд зæгъы, афтæмæй йæ размæ æвæры ног нысантæ. Архайдзæн Дунеон чемпионаты. Йе стырдæр бæллиц та Олимпаг хъæзтыты архайын. Таймазты Мæдинæ: «Тынг зын нæ уыди. Хъуыд мæ раст хъуыды кæнын, мæхиуыл фæхæцын. Тренеримæ рагагъоммæ цы фæтк сфидар кодтам. уый æххæст кæнын. Уæлахизы фæстæ ме нкъарæнтæ алыхуызон сты: цин, сæрбæрзонддзинад – цы ма зæгъон. Стыр бузныг мæ тренертæн æмæ командайæн». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æхсызгон хабар
Категория:
Новости и СМИ