Хабæрттæ. Ирыстон // 22:00 // 11 сентября 2018
Хъæлæс кæныны иумæйаг бон ахицæн. Цæгат Ирыстоны цыппар районы равзæрстой хъæуты сæргълæуджыты æмæ бынæттон муниципалон скондты депутатты. Æрæфы та ма – районы хицауы дæр. Лæг фырмæстæй пиллон суагъта. Стæй та, кæимæ фæхыл, уыцы сылгоймаджы хæдтулгæ дæр. Мæздæджы районы пъæлицæйæгтæ `рцахстой, кæйдæр исбоныл зынг чи бафтыдта, уыцы нæлгоймаджы. Уæдæ нозт чи уарзы, уый дæр абон йæхи ныхъхъæдых кæнæд. Уæрæсейы сбæрæг кодтой æрвонгдзинады бон. Гæнæн ис, æмæ бæрæгбоны номыл исчитæ, нозт сæ къухмæ райсгæйæ, скуывтаиккой. Цæмæй къаддæр нуазой, уый тыххæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Хабæрттæ. Ирыстон // 22:00 // 11 сентября 2018
Категория:
Новости и СМИ