Гасситы Муратыл ист документалон киноныв
Дунейы чемпион боксæй Гасситы Муратыл систой документалон киноныв «Ирон», зæгъгæ. Йæ фæсномыгæй айхъуыст æппæт дунейыл дæр. Кино систа уæрæсейаг режиссер Александр БАтышев æмæ йæ равæрдта YouTube-ы. Киноныв цæуы сахаты бæрц, равдыстой дзы, Гасситы Мурат йе `нтыстытæй стъалыйау тæмæнтæ куыд скалдта, уый. Æмæ йæ кæд æфсæйнаг лæг хонынц, уæддæр царды та у хæлар æмæ æргомзæрдæ адæймаг. Ахæмæй йæ æвдисынц кинонывы дæр. Режиссер ма дзы бæстонæй равдыста Мураты бинонты. Нæ ферох кодта йе ’мбæлтты æмæ тренеры дæр. Куыд загъта, афтæмæй Гасситы Мурат дунейы чемпион кæй сси, уым ис йæ хиуæтты æмæ йе `рдхæрдты æвæрæн дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Гасситы Муратыл ист документалон киноныв
Категория:
Новости и СМИ