Дзанайты Барис амыдта санкциты уавӕрты экономикӕйы фидар рӕзт фӕбӕрзонддӕр кӕныны оперативон штабы
Дзанайты Барис амыдта санкциты уавӕрты экономикӕйы фидар рӕзт фӕбӕрзонддӕр кӕныны оперативон штабы
Цæгат Ирыстоны хицауады сӕрдар Дзанайты Барис амыдта санкциты уавӕрты экономикӕйы фидар рӕзт фӕбӕрзонддӕр кӕныны оперативон штабы ӕмбырд. Ныхас цыд, дзуапдæттæг министрадтæ æмæ республикæйы муниципалитеттæ цы базайрæгтæ, куыстытæ æмæ лæггæдты паддзахадон заказгæнджытæ сты, уыдонæн иунæг ласæг, подрядисæг æмæ æххæстгæнæджы равзырыныл. Æмбырды архайджытæ ма æрдзырдтой Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрад, Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад, Хъæууон хæдзарады министрад æмæ, Дзæуджыхъæуы администрацимæ цы объекттæ хауынц, уыдоны арæзтад, бындурон цалцæг, æмæ рацарæзтыл. Мадзæлттæ сæххæст кæндзысты национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæм гæсгæ. Премьер уæлдай æргом аздæхта куыстытæ æххæстгæнджытимæ æмархайдмæ.