Хицауады радон æмбырд
Абон уыд хицауады радон æмбырд. Амыдта йæ Тускъаты Таймураз. Æрныхас дзы кодтой цæрæнуæтты-коммуналон хадзарады æмæ промышленнон объектæм газ бауадзыныл. Уыцы хъуыддагæн "Газпром" радих кодта 32 милуан сомы. Республикæйы бюджетæй ницы схардз кодтой. Министртæ дзырдтой лæвар медицинон æххуыс кæныныл дæр. Хицауады уынаффæмæ гæсгæ уыцы хъуыддагæн ног азы радих кæндзысты 9 млрд сомы. Уыдонæй 2 миллиарды ратдзысты бюджетæй. Боны фæткы ма æркастысты культурон нысаниуæгимæ объекттæм. Куыд бауынаффæ кодтой, афтæмæй сæ дæтдзысты хаццоны. Сты 32. Хауынц сæм цæрæн æмæ хъахъхъæнæн мæсгуытæ. Номхыгъдмæ хаст æрцыдысты, республикæйы исбоны чи ис, фæлæ æмбæлгæ цæстдард кæмæ нæй, уыцы историон бæстыхæйттæ. 49 азмæ сæ хаццоны чи райса, уыцы адæймаг дзы хъуамæ реставрацион куыстытæ скæна 7 азы æмгъуыдмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Хицауады радон æмбырд
Категория:
Новости и СМИ