200 адæймагæй фылдæр Цæгат Ирыстоны баззадысты æнæ рухсæй
200 адæймагæй фылдæр Цæгат Ирыстоны баззадысты æнæ рухсæй, электрон тыхæн хæс кæй дарынц, уый тыххæй. Цæгаткавказэнергойы куыд хъусын кæнынц, афтæмæй сæ бæлвырд нымæц у 228 пайдагæнæджы. Уыдон дыууæ мæйы, кæнæ фылдæр æмгъуыдмæ цы электрон тыхæй спайда кодтой, уымæн хъалон нæ бафыстой. Се ’хсæн 200 сты хи хæдзæртты хицæуттæ, 28 та юридикон бæрнондзинад кæмæ ис, ахæм цæсгæмттæ. Æмткæй райсгæйæ, рухс кæмæн хъуамæ ахуыссын кодтаиккой, уыцы хыгъды уыд 5 мин адæймагæй фылдæр, фæлæ сæ нымæц фæкъаддæр, сæрмагонд фыстæджытæ куы райстой, уæд. Электрон тыхæй фылдæр фæиппæрд сты Дзæужыхъæуы - 96 цæрæджы. 47 пайдагæнæнджы Рахизфарсы районы, Горæтгæрон районы та - 31 хæдзары. Цæгаткавказэнергойы кусджытæ адæмы зæрдыл лæууын кæнынц, электрон тыхæн чи нæ фида, уый административон æгъдауæй кæй æфхæрдзысты. Иварты бæрц у 40 мин сомæй, 300 мин сомы онг. Электрон тыхæй чи нал пайда кæны, уый ма, йæ хæсæй уæлдай, хъæудзæн фиддон дæр бафидын, цæмæй сын ногæй рухс бауадзой, уый тыххæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
200 адæймагæй фылдæр Цæгат Ирыстоны баззадысты æнæ рухсæй
Категория:
Новости и СМИ