Цыппаркъахыг хæлæрттæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

9 просмотров

8 лет назад

Цыппаркъахыг хæлæрттæ систы нæ дарддæры æрмæджы хъайтартæ. Хуымæтæг не `сты. Нæ республикæйы парахат кæнынц стæм куыйты мыггаг «Алано-эспаньол»,зæгъгæ. Æмæ кæд хæрз æрæджы дæр ма æрмæст Испани æмæ Италийы цардысты, уæд ныр сты Ирон зæххыл дæр. Бæлвырддæр уын радзурдзæн ме*мкусæг Гогаты Марат. Æгас дунейы стæм мыггагмæ чи хауы, ахæм куыйтæ сты. Зрнынц сæ куыд Алайнаг куыйтæ, кæнæн та Алано-Эспаньол, зæгъгæ. Зæххы къорийыл ныртæккæ минмæ ввахс йеддæмæ не `сты. Карданты Тамерланмæ дзы иу ис. Куыдзы ном у Рагон. Кæрæдзийы афæдз æмæ рдæджы размæ ссардтой. Хицау куыд зæгъы, афтæмæй куыдз хауы тохгæнæг мыггагмæ. Фæлæ æнæуи та сты хæлардарæг куыйтæ. Алæкæм дæр дзы хъæуы хицæн æркаст. Æрæджы дæр ма ацы алайнаг куыйты дардтой æрсмæстдæр Испанийы æмæ Италийы. Уым сæм сæ рæсугъд цæстыты тыххæй нæ кæсынц. Аргъ сын кæнынц куыстуарзон æмæ уæндон кæй сты, уый тыххæй. Иттæх хорз сты цуан кæнынæн æмæ хъахъхъæнынæн. Кæддæр ацы куыйтимæ дард балцты цыдысты конкистадортæ кæй хонынц, уыдон. Испайанаг коррида чи у, уам дæр архæйдтой алайнаг куыйтæ, уæдæ паддзахтæ æмæ æлдартæ цуаны цыдысты æрмæстдæр ацы куыйтимæ. Ацы куыйты мыггаджы тыххæй махæн фыццаг радзырдта Цæгат Ирыстоны хъуыстгонд режиссер Туаты Теминæ. Алайнаг куыйты равдыста йæ документалон киноныв «Аланы. Дорога на Завад» зæгъгæ. Темина Туаева, режиссер: «Ацы куыйтæ сты иузæрдыг æмæ æнувыд, уæдæ йæ истори дæр у цымыдисаг. Кæд куйытæй афтæ зæгъæн ис, уæд адон сты цытджын. Куыд æгъдауджын у куыдз, адæймаг дæр хъуамæ афтæ уа. Нæ уæ бауырндзæн фæлæ æрмæстдæр ацы мыггаджы тыххæй ис афтæ зæгъæн». Цæгат Ирыстон ныртæккæ нымад ацы куыйты мыггаг фылдæр кæм дарынц, ахæм бынатыл. Специалисттæ кæнынц стыр куыст, цæмæй цæрæгойты бахъахъхъæной æмæ сæфтмæ ма æрцæуой. Ис ма сын сæхи национ клуб дæр. Уым алы куыдзы дæр регистраци кæнынц æмæ йын йæхи æвдисæндар раттынц. Фæлæ сæрмагонд домæнтæн се `ппæт куыйтæ дзуапп нæ дæттынц. Руслан Кокаев, руководитель национального клуба породы «Алано-эспаньол»: «Бирæ куыйтæ цы стандарттæ бæлвырдгонд сты, уыдонæн дзуапп нæ дæттынц. Ныртæккæ 25-35 куыдзы йеддæмæ нæ райстой сæрмагонд æвдисæндартæ. Куыд алы къуыдзы мыггаг афтæ, амæ дæр ис йæхи домæнтæ. Уырдæм хауынц йæ ас, уæз æмæ ма æндæр миниуджытæ дæр. Зæгъæм, уæзмæ гæсгæ сыл куыйтæ вæййынц 35 кг, нæлтæ та - 45». Уыимæ ма специалисттæ хъаст кæнынц. Ацы куыйты мыггаг афтæ кæй апарахат, уымæ гæсгæ кæцыдæр кудздарджытæ цæстфæлдахæн митæ кæнын райдыдтой. Алано-эспальнолы бæсты æндæр мыггаг куыйты уæй кæнынц. Æрмæстдæр цæмæй æхца ратоной, уый тыххæй. Национ клубы кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй адæмы хъæуы къæрцхъусдæр уæвын. Алайнаг куыдз дарын чи сфæнд кæна, уый йæ кæмдæр фæндыджы былгæрон уæйгæнæгмæ ма агура, фæлæ сæрмагонд куыдздоны. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цыппаркъахыг хæлæрттæ

Категория:

Новости и СМИ