Фыдбылызæн бирæ нæ хъæуы
Абон дзы асаст ауындзгæ фæндаг. 7 адæймагæй дзы уæззау цæфтæ фесты. Уый тыххæй хъусын кæнынц дзыллон информацион фæрæзтæ. Хъыгдард чи баййæфта, уыдоны `хсæн ис бирæ фæсарæйнаг минæвæрттæ, уæрæсейæгтæ дæр дзы, афтæмæй. Цы кадртæ уынут, уым бæрæг у, бадæнтæ дæллаг станцæмæ фæстæмæ кæй ранкъуыстысты. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй фыдбылызы аххосæгтæй иу у, электрон тых кæй ахуыссыд, уый. Уыцы рæстæг фæндагыл цы адæм бадтис, уыдон сæхи уæзæй фæстæрдæм размæлыдысты. Цалхы цыд сцырен æмæ дзы туристтæ иу иннæйы фæстæ схъиуын райдыдтой. Кæрæдзийыл цæндхауд ныккодтой æмæ цæфтæ дæр уымæн фесты. Сæрæндæртæ рагацау бадæнтæй рагæппытæ кодтой, фæлæ се `ппæтæн уый нæ бантыст. Хъыгдард баййафджытæн уайтагъд баххуыс кодтой дохтыртæ. Рынчындонмæ сæ аластой дыууæ вертолетыл. Цауы фæдыл байгом кодтой уголовон хъуыддаг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Фыдбылызæн бирæ нæ хъæуы
Категория:
Новости и СМИ