"Хъæуты территориты комплексон райрæзты" паддзахадон программæйы райрæзты хатдзæгтыл ныхас цыд Дзана
"Хъæуты территориты комплексон райрæзты" паддзахадон программæйы райрæзты хатдзæгтæ æмæ фидæнмæ нысантыл ныхас цыд Дзанайты Барисы разамындимæ æмбырды. Дзуапдæттæг министр Къусраты Алан куыд радзырдта, афтæмæй программæйы фæлгæты Елхот, Хуымæллæг, Брут, Сунжæ æмæ Веселое хъæуты рацарæзтой дондзæуæн хызæгтæ. Бруты сарæзтой ног скъола 200 бынатимæ, Ирыхъæуы спортивон зал сифтонг кодтой. Уымæй уæлдай ма паддзахадон программæйы æххуысæй 12 хъæуккаг цæрæджы райстой субсиди хæдзæрттæ самал кæнынæн. Лескъены ты сарæзтой цæрæнбынæттæ хаццоны бадзырдмæ гæсгæ. Министр куыд фæнысан кодта, афтæмæй ацы æмæ æндæр мадзæлттæн радих кодтой 1,5 млрд сомы. Федералон центры уæлæмхасæн фæрæзты руаджы Кæрдзыны æмæ Даскъофы райдыдтой дондзæуæн хызæгты рацарæзт. Дзанайты Барис куыд фæнысан кодта, афтæмæй паддзахадон программæйы дарддæр дæр хъæуы архайын. Мадзæлтты райрæзтмæ да бæрнон цæстæй кæсын.