УФ йы цæрджытæн се `рдæг разы нæу 4 кусгæ боныл
Æвæццæгæн, нæ ацы `рмæджы хъайтар паддзахадон куыст куы кæнид, уæд нæ дарддæры хъусынгæнинагмæ фылдæр æргом аздахид. Цæвиттон, Уæрæсейы цæрджыты `рдæгæн сæ зæрдæмæ нæ цæуы 4 кусгæ боны снысан кæныны хъуыды. Ахæм хатдзæгмæ `рцыдысты æхсæнадон иртæстытæ аразыны центры. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, нæ бæстæйы 4 кусгæ боны тыххæй фыццаг сдзырдта Хицауады сæрдар Дмитрий Медведев. Уыцы ныхæстæ бæрнон кусæг ракодта Фæллойы æппæдунеон конференцийы. Куыд рабæрæг, афтæмæй адæмы 48 проценты уыцы хъуыдыимæ разы не сты. Кæй зæрдæмæ фæцыд, уыдоны нымæц у дзæвгар къаддæр - æрмæстдæр 29 проценты. Адæмы 17 процентæн уæвгæ дæр уæлдай нæу, 6 проценты та нырма сæхицæн бæлвырд хатдзæгмæ нæма рцыдысты. Диссаг ма уый у, æмæ цыбыр кусгæ къуырийыл тынгдæр разы сты Мæскуы æмæ Санкт-Петербурджы цæрджытæ. Ахæм фæткыл ма разы уаиккой, йæ цæрджыты нымæц милуанæй фылдæр кæмæн у, уыцы горæтты. Сæ кармæ гæсгæ та сты, 25 азæй 34 азы онг кæуыл цæуы, ахæмтæ. 4 бонæй фылдæр кæй фæнды кусын, уыдон та фылдæр цæрынц 100-йæ 950 мин адæймагимæ горæтты. Сæ кармæ гæсгæ сты, 60 азæй уæлæмæ кæуыл цæуы, ахæмтæ. Иртасæн центры разамонæг Валерий Федоров куыд зæгъы, афтæмæй кусгæ къуыри æрцыбыртæ кæныны хъуыды уæрæсейæгты зæрдæтæ `лхæнгæ нæ, фæлæ уал тынгдæр тасы `фтауы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
УФ йы цæрджытæн се `рдæг разы нæу 4 кусгæ боныл
Категория:
Новости и СМИ