Хорз баулæфыдысты

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 лет назад

Сывæллæтты реабилитаци æмæ дзæбæхгæнæн центр «Хæххон уæлдæф»-ы фыццаг фæлтæр кæронмæ æрхæццæ. Бон раздæр кадджын уавæры æхгæд æрцыд. Мадзалы архайдтой сывæллæтты ныййарджытæ æмæ уазджытæ, Уæрæсейы скъоладзауты змæлды архайджытæ. Центры хъомылгæнинæгты схорзæхджын кодтой кады гæххæттытæй æмæ лæвæрттæй. Сарæзтой сын бæрæгбоны концерт. Алы отряд дæр бацæттæ кодта равдыст: чи кафгæ, чи заргæ кодта, чи та музыкалон инструменттыл ацагъдта. Æдæппæтæй иу фæлтæры уыд 40 сывæллоны. Уыдон иууылдæр сты бирæсывæллонджын, æххуысхъуаг æмæ æнæххæст бинонты цот. Сывæллæтты *хсæн ма уыд, се нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæмтæ дæр. Сапицкая будка кæй хонынц, уыцы экологон сыгъдæг районы æрбынат кодта реабилитацин центр. Сывæллæтты æнæниздзинад фæфидардæр кæнынæн у иттæг хорз ран. «Хæххон уæлдæф»-ы сывæллæттæ цы 18 боны уыдысты, уыдон се ппæты зæрдæмæ дæр фæцыдысты. Фæлтæры программæ уыд цымыдисаг: экскурситæ музейтæм, балцтæ ихын галуан æмæ аквапаркмæ, зондамонæн хъæзтытæ, спортивон ерыстæ æмæ сфæлдыстадон мадзæлттæ. Ахуырадон программæйы уыд экологийæ æмæ адæймаджы бартæ амонæн лекцитæ. Бакастысты сæ нæ республикæйы Фæсивæдон парламенты уæнгтæ. Фæлладуадзджыты дыккаг фæлтæры архайджыты та лагеры суазæг кæндзысты абон. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Хорз баулæфыдысты

Категория:

Новости и СМИ