Сергей Меняйло амыдта Хицауады радон аппаратон æмбырд
Кировы районы центрон рынчындоны бындурон цалцæг кæронмæ æрхæццæ. Уый тыххæй республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн радзырдтой хицауады радон аппаратон æмбырды. Алагиры районы та хæстæгдæр 10 боны байгом кæндзысты 5 афтечы. Уымæй уæлдай ма æмбырды ныхас цыд медицинон къабазы фарстатыл дæр. Республикæ райста 900 вакцинæйы фадынæджы ныхмæ. Уыдон иууылдæр апарахат кодтой медицинон уагдæттыл. Дзырдтой ма, рынчындæттæ цы кусæнгарз хъуаг сты, уый тыххæй дæр.