Алагиры кусын райдыдта уæлæмхасæн донцъирæн
Цæрæнуæтты коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрады пресс-службæйы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй дондзæуæн системæ дзаг кæны къæпхæнгай. Иуæй иу уынгтæм дон ныр дæр цæуы. Ведомствойы куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй ныртæккæ ныхас цæуы ног æртæ донцъирæны сæвæрыныл. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Алагиры дон фаг нæй, Гуссаринскæйы æмæ Южнæйы донæмбырдгæнæнты доны æмвæзад кæй фæкъаддæр, уый аххосæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Алагиры кусын райдыдта уæлæмхасæн донцъирæн
Категория:
Новости и СМИ