Афæдзы `рдæгмæ Цæгат Ирыстоны `рцыдис 762 зынгсирвæзты
2019 азы фыццаг æхсæз мæймæ Цæгат Ирыстоны æрцыд 762 зынгсирвæзты. Ирвæзынгæнджытæ мæлæты къухæй ратыдтой 47 адæймаджы. Се `хсæн 3 сывæллоны. Зынгсирвæзтæй æдас ранмæ рахуыдтой 518 адæймаджы æмæ 20 сывæллоны. Хъыгагæн, фыдбылызы амæттæгтæ баисты 4. Цæфтæ дзы фесты 16 адæймаджы. Афæдзы райдианæй ирвæзынгæнджытæ цæрджыты мулк бахъахъхъæдтой 165 милуан 343 мин сомы аргъæн. Зынгсирвæзтытæ арæхдæр æрцæуынц, зынгсирвæзты ныхмæ домæнтæ бæстонæй кæй не `ххæст кæнынц, уый тыххæй. Уымæй уæлдай ма сагъæсы `фтауы рухсдæттæн системæйы заууат уавæр дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Афæдзы `рдæгмæ Цæгат Ирыстоны `рцыдис 762 зынгсирвæзты
Категория:
Новости и СМИ