Дæндæгты зæд
Гыццыл чызг стоматологийы куыд зары уыцы видеоæрмæг федтой дæсгай мин адæймаджы. Интернеты тыгъдады адæмы йæхи бауарзын кодта. Схуыдтой йæ «зубная фея», зæгъгæ. Йæ фыд цæмæй дæндæгты дохтырæй ма тæрса, уый тыххæй йын чызг зарæгæй йæ зæрдæ хъæлдзæг кæны. Ладæйæн йæхи фæнды хъуыстгонд зарæггæнæг суæвын. Курдиатджын чызгимæ базонгæ нæ уацхæссæг. Цæсты фæныкъуылдмæ ацы видеоæрмæг апарахат социалон хызæгты. 10 -аздзыд, Лада Шаталовайæй интернеты пайдагæнджытæ ном радтой «зубная фея», зæгъгæ. Чызг зары йæ фыдæн хъуыстгонд неаполитайнаг зарæг. Йæ фыд цæмæй дæндæгты дохтырæй ма тæрса, уый тыххæй йын чызг зарæгæй йæ зæрдæ хъæлдзæг кæны. Лада Шаталова: «Мæ фыд æнкъард кодта, мамæйæн загъта йæ дæндаг риссы уый. Мамæ йæ рынчындонмæ арвыста, æмæ æз дæр йемæ ацыдтæн. Дохтыр ын загъта тыхсгæ ма кæн, сфæнд ын кодтон азарын æмæ уæд нал тарст, æрсабыр. Суанг ма йæ дæндæгтæ дæр нал дыз-дыз кодтой». Дæндæгты дохтырмæ балц ахицæн æнтыстджынæй, дæндаг сæфтауын бантыст, чызджы сфæлдыстад та ныр дæр адæмы дисы æфтауы. Ладæйы ныййарджытæ ууыл цин кæнынц. Æвзонг зарæггæнæджы курдиат сæ фæнды фенын стыр сценæйыл. Æххуыс дæр ын кæнынц. Сергей Шаталов: «Курдиатджын сывæллон у, зарынмæ арæхсы. Интернеты пайдагæнджытæ йын йæ хъæлæсæн стыр аргъ скодтой. Æркастысты йæм. «Синяя птица» конкурсмæ бахауын у нæ бæллиц, фæлæ нæ къухы нæма бафтыд». Ладæ зарррæгæнæгыл цыппар азы ахуыр кæны. Зары нæ эстрадæйы æмæ адæмон зарджытæ, уымæй уæлдай ма ахуыр кæны фортепьянойыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ музыкæ адæмæн æвдадзы хос у. Лада Шаталова: «Гъе ныр зæгъгæ искæмæн æнкъард у, уæд ын райдайын зарын æмæ вæййы æнцондæр. Зæрдиагæй мæм фæхъусынц. Мæ бæллиц зындгонд зарæггæнæг суæвын, Италимæ ацæуын æмæ уым зарын». Уыцы нысанмæ Ладæ кæны ныфсджын къахдзæфтæ. Чайковскийы номыл музыкалон скъолайы ахуыр кæнгæйæ фæллад нæ зоны. Ладæйæн ис бирæ кады гæххæтытæ æмæ лæвæрттæ. Йæ рæсугъд зылланг хъæлæсæй барæсугъд кæны бирæ концерттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дæндæгты зæд
Категория:
Новости и СМИ