Коллекторты бон нал уыдзæн коммуналон фиддонтæ домыны бар
Цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады хæстæ коллекторты æххуысæй домæн нал уыдзæн. Уыцы закъоны проект ныффидар кодтой Паддзахадон Думæйы депутаттæ.Бæрæг куыд у, афтæмæй республикæйы цæрджыты арæх фæтыхсын кæнынц ахæм кусæндæттæй. Дзурынц сæм сæ хæдзары æмæ чырæ телефонтæм. Фæдомынц, цæмæй сæ хæс бафидой. Фæлæ а-фæстаг азты уыдоны номæй архайынц фыдгæнджытæ дæр. Арæх æхца фæдомынц, банкæй хæс чи нæ дары, суанг уыдонæй дæр. Закъоны проект дæр уыцы хъуыддагыл хуыздæрмæ сахадыны тыххæй арæзт у. Куыд дзы фæнысан кодтой, афтæмæй æхца бадомыны уаргъ йæхимæ райста, цæрæн хæдзарæн разамынд цы компани дæтты, уый. Уыимæ ма æхца бадомын сæ бон у, коммуналон лæггæдтæ адæмæн чи кæны, уыцы организацитæн дæр. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ исбон байсыны бар ис, тæрхондоны цы уынаффæ хаст æрцæуа, æрмæст уымæ гæсгæ. Уый сæххæст кæнын та йæ бон у æрмæстдæр тæрхондæтты пъырыстыфтæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Коллекторты бон нал уыдзæн коммуналон фиддонтæ домыны бар
Категория:
Новости и СМИ