Дзæуджыхъæуы Жуковскийы номыл парк рацараздзысты
Цы æхсæнадон бынæттæм базилдзысты, уыдонæй иу уыдзæн Дзæуджыхъæуы Жуковскийы номыл парк. Тагъд рæстæджы йæ рацараздзысты. Фæзындзæн дзы ног бадæн бынæттæ. Уыимæ ма хуымæтæджы конд дæр нæ уыдзысты. Фадат дзы уыдзæн чырæ тæлефон зарядкæ скæнын æмæ интернеты тыгъдады бадын. Уымæй дæр ма лæвар. Пъланмæ гæсгæ дзы сараздзысты рухсдæттæн системæ, къахвæндæгтыл сæвæрдзысты ног къæйдуртæ. Суанг ма дзы музыкалон фонтан дæр уыдзæн. Уый тыххæй фехъусын кодта Дзæуджыхъæуы администрацийы аив кæныны æмæ цъæх фæлысты управленийы разамонæджы хæдивæг Хъороты Давид. Йæ ныхæстæм гæсгæ, мæскуйаг куыстуат «Стрелкæ» бацæттæ кодта парчы аивгæнæн куыстыты тыххæй проект. Ныридæгæн æй бахастой муниципалон программæмæ. Куыстытæ кæд райдайдзысты, уый бæрæггонд нæу. Æнхъæлмæ кæсынц æхцайы фæрæзтæм. Федералон æмæ республикон бюджетæй хъуамæ рахай кæной 18 милуан сомы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы Жуковскийы номыл парк рацараздзысты
Категория:
Новости и СМИ