Дзуарыхъæуы скъолайы фæзынд автобус
Дзуарыхъæуы ахуырдзауты скъоламæ цæуын хъуыд 3 километры бæрц. Фæлæ ныр уыцы хъуыддаг рохуаты баззайдзæн. Ныр сæ ахуыргæнæндонмæ ласдзæн автобус. Ацы хъуыддаджы тыххæй фарста бынæттон цæрджытæ фехъусын кодтой Битарты Вячеславæн фембæлды рæстæг. Сæргълæууæг йæ ныхас сæххæст кодта. Хъæуы бирæ рæстæг цы автобусмæ æнхъæлмæ кастысты уый сывæллæтты ахуыргæнæдонмæ ласы. Ахуыргæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй иу сабитæ фистæгæй цæугæйæ ахуырдзаутæ уроктæм фæлладæй æрбацыдысты. Фæлæ сæ ныр ныфс ис се `ргом фылдæр ахуырмæ кæй аздахдзысты. Ныридæгæн райсомæй æрбацæуынц зæрдæргъæвдæй, уыимæ ма рæджы дæр нал кæнынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзуарыхъæуы скъолайы фæзынд автобус
Категория:
Новости и СМИ