Дзæуджыхъæуы дзырдтой амалхъомдзинады райрæзтыл национ проектты

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 просмотров

7 лет назад

Амалхъом адæм æнтыстджынæй архайынц национ проектты. Республикæйы сæ райрæзтыл сæрмагонд сессийы дзырдтой хицауады уæнгтæ, амалхъом адæм æмæ æхсæнадон къордтæ. Æмбырды фæнысан кодтой цалдæр национ проекты. Се `хсæн «Æппæтадæмон коопераци æмæ экспорт» æмæ æндæртæ. Мадзал сарæзтой ахуырадон программæйы фæлгæты. Йæ амидингæнджытæ Уæрæсейы адæмон хæдзарад æмæ паддзахадон службæйы академи. Программæйы архайы мин адæймагæй фылдæр. Йæ райрæзтыл архайынц нæ бæстæйы алы субъекты дæр. Паддзахадон управленийы уæлдæр скъолайы регионты райрæзты центры эксперт Валерий Медовойы ныхæстæм гæсгæ æмбырды сæйраг нысан- бамбарын регионты национ проектты архайын цы къуылымпы кæны, уый. Уыимæ ма сæ аиуварс кæнын. Валерий Медовый ма фæнысан кодта Цæгат Ирыстоны амалхъом адæммæ ис фиппайнаг. Уыдоны æмдыхæй фæнды республикæйы райрæзтыл кусын. Уый тыххæй дзырдтой пленарон æмбырды. Разамынд ын лæвæрдта респуликæйы хицауыды сæрдары хæдивæг Фадзайты Æхсарбег. Бæрнон адæм радзырдтой амалхъомдзинады нысаны тыххæй национ проектты. Уæлдай æргом аздæхтой цæрджытæн куысты бынæтты хъуыддагмæ. Национ проекттæ царды рауадзыны тыххæй ма дзырдтой тымбыл стъолыл æмбырдты рæстæг. Республикæйы амалхъом адæмы бартæм цæстдарæг Медойты Тимуры ныхæстæм гæсгæ амалхъомдзинады райрæзтæн хицауадимæ хъæуы æмгуыстады фæндæгтæ агурын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Дзæуджыхъæуы дзырдтой амалхъомдзинады райрæзтыл национ проектты

Категория:

Новости и СМИ