Дзæуджыхъæуы æххæстгонд цæуы уæлæдарæсæй раст пайда кæныны проект
Иу сынк иннæйы фæдыл æмæ зæронд дзаума йæ хуыз скалы. Дыууæ иухуызоны дзы не ссардзынæ. Дизайнер Тэка Бандурова сабийæ фæстæмæ хъомыл кодта сфæлдыстадон бинонты 'хсæн. Алкæддæр æй зыдта йæ йæ цард аивадимæ кæй сбæтдзæн, уый. Каст фæци Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет физикон-техникон факультет. Уый бæрц дзаумæттæ йæм сæмбырд æмæ сын бынат нал фаг кодта. Аппарын сæ йæ цæст нæ уарзта, уымæн æмæ сæ фылдæр уыдысты ногты хуызæн. Чысыл фæстæдæр акци апарахат. Æнæхъæугæ дарæс хæссын чи райдыдта, уыдоны нымæц фылдæрæй фылдæр кодта. Уæд чызг хъуыды кæнын райдыдта, уый бæрц дзаума цы фæкæна, ууыл. Сфæнд кодта сæрмагонд проект саразын. Йæ фарсмæ æрбалæууыдысты йæ хæлæрттæ. Ныридæгæн къорды кусы 5 адæймаджы. Дзаумæттæ куы райсынц, уæд сæ равзарынц. Сæ иу хай арвитынц хæрзаудæн фондтæ æмæ приюттæм. Иннæ хайыл та дыккаг хатт бакусынц æмæ сæ уæймæ равæрынц. Ис дзы рагон хъуымæцтæй хуыд дарæс дæр. Тэкæйæн йæ нанайæ баззадысты. Дзаумæтты аргъ зынаргъ нæу. Акциты рæстæг та ма зæрдæмæдзæугæ дзаума ис ахæссæн лæвар дæр. Фарон бренд рамбылдта Цæгат Кавказы федералон зылды фæсивæдон проектты конкусы. Цы æхцайы фæрæзтæ райстой, уыдон бахардз кæныдзысты агъуысты хаццоныл, ног ифтонггæрзтæ æмæ рекламæйыл. Афæдзмæ къорд сараздзæн экологиимæ баст 12 мадзалы. Хæрзаудæн акцитæ, дæсныйадæвдисæн ахуыртæ æмæ лекцитæ. Ирд нывтæй уæлдай, секонд хенды къултыл фенæн ис экологон баннертæ. Уыдон ма адæймаджы зæрдыл ноджы иу хатт лæууын кæнынц, бирæ æнæхъæугæ уæлæдарæс æвзæры 'рдæм куыд ахады, уый. Экологи у адæмы сæйрагдæр фарстатæй иу. Пайда бавæрæн бахæссын у у алкæй бон дæр. Æрмæст хъæуы бæрнондæр цæстæй кæсын, цы дзаумæттæ æлхæнæм, уымæ.