Тускъаты Таймуразимæ æркастысты арæзтадон куыстытæ куыд цæуынц
Дзæуджыхъæумæ бæцæуæн фæндæгтæ ма мæй æмæ `рдæг цалцæг кæндзысты. Уый фехъусын кодта, Цæгат Ирыстоны фæндæгты хæдзарады комитеты сæрдар Солиты Тариэль. Нæ республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймуразимæ æркастысты арæзтадон куыстытæ куыд цæуынц, уымæ. Бæлвырддæр дзургæйæ та, Архонкæмæ фæзилæн цы уавæры ис, уымæ. Фæндаджы дæргъ километр æмæ `рдæг у. Йæ иу хай йын сцалуæг кодтой. Ныртæккæ рахызтысты иннæмæ. Кусæг балцы рæстæг ма Тускъаты Таймураз федта Горæтгæрон районы фæндæгтæ дæр. Куыл рабæрæг, афтæмæй фидæн аз Тарскæйы хъавынц дыууæ хиды сцалцæг кæнын. Æдасдзинады æмæ техникон домæнтæн дзуапп нæ дæттынц. Арæзтадон куыстыты фæстæ фæндаг 11 метры фæуæрæхдæр кæндзысты æмæ дзы равæрдзысты фистæгцæуджытæн къахвæндæгтæ. Уымæй уæлдай ма, базилдзысты Чермен æмæ Октябрьскæйы хидтæм дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Тускъаты Таймуразимæ æркастысты арæзтадон куыстытæ куыд цæуынц
Категория:
Новости и СМИ