Лагерь «Металлург»-ы хъомылгæнинæгтæн сарæзтой дæсныйад æвдисæн ахуыртæ
Сæрдыгон сывæллæттæн райдайы уæгъд рæстæг. Бирæтæ дзы улæфынмæ араст вæййынц республикæйы лагерьтæм. Цæмæй уым сæ рæстæг æрвитой пайдаимæ, уый тыххæй сын аразынц алыхуызон цымыдисаг мадзæлттæ. Зæгъæм, лагерь Металлург. Абон сæ бабæрæг кодтой «Скъоладзауты æппæтуæрæсеон змæлды» æмæ «Сывæллæтты цæдисы» уæнгтæ. Уыдон «Добро не уходит на каникулы», зæгъгæ проекты фæлгæты хъомылгæнинæгтæн сарæзтой дæсныйад æвдисæн ахуыртæ. Ацы хъазт командæйы архайджыты æрбамгом кодта. Лагерь «Металлург»-ы цы сывæллæттæ улæфынц уыдонæн абон рауад æцæг бæрæгбон. Фадат сын уыд хи бафæлварын алыхуызон хъæзтыты, эстафетæты æмæ æндæр хъæлдзæг мадзæлтты. Скъоладзауты æппæтуæрæсеон змæлды æмæ сывæллæтты цæдисы уæнгтæ фæсивæдæн сарæзтой дæсныйад æвдисæн ахуыртæ. Скъоладзауты æппæтуæрæсеон змæлды æмæ сывæллæтты цæдисы уæнгтæ цы хъæзтытæ бацæттæ кодтой, уым сывæллæттæ зæрдиагæй бацархайдтой. Мадзал аразджытæ ма фæсивæдæн бацамыдтой нæ хистæртæ цы цымыдисаг хъæзтытæй хъазыдысты уыдон дæр. Ахæм мадзæлттæ сывæллæттæн сты пайда. Уæлдайдæр та сæрдыгон. Мæргъиты Жаннæ, скъоладзауты æппæтуæрæсеон змæлды регионало хайады разамонæг: «Сывæллæттæ лагеры хъомылгæнинæгтæн саразтой дæсныйад æвдисæг ахуыртæ. Бацæттæ сын кодтой хъазынæн фæзтæ, спортивон æмæ зонадон хъæзтытæ. Мадзалы сæйраг нысан- скъоладзаутæ сæ уæгъд рæстæг пайдаимæ æрвитой. Скъоладзаутæ сæхимæ куы ацæуой, уæд сæ хæдзары кæрты иннæ сабитимæ абон цы хъæзтытæ баззыдтой уыдонæй сæхи ирхæфдзысты». Сывæллæттæ сæ рæстæг `рмæст хъæзтытыл нæ бахардз кодтой. Мадзалæй сæхицæн хатдзæгтæ дæр скодтой. Фæсивæдæн фадат уыд «Лидеры России», зæгъгæ конкурсы уæлахиздзаутæ Гогаты Алан æмæ Баситы Маратимæ фембæлын. Конкурсы архайджытæ лагеры хъомылгæнинæгтæн радзырдтой сæ æнтыстдзинæдты тыххæй. Уымæй уæлдай ма уазджытæн фæрстытæ дæр раттой. Лагеры разамонæг куыд зæгъы, афтæмæй ахæм мадзæлттæ сты хъæугæ. Ахæм мадзæлттæ сарæзтой республикæйы цалдæр лагерты. Тæмискъ æмæ Фениксы. Скъоладзауты æппæтуæрæсеон змæлды æмæ сывæллæтты цæдисы уæнгтæ дарддæр дæр фæнд кæнынц ахæм фембæлдыдтæ аразын. Бабæрæг ма кæндзысты «Горный воздух» æмæ Урсдоны лагертæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Лагерь «Металлург»-ы хъомылгæнинæгтæн сарæзтой дæсныйад æвдисæн ахуыртæ
Категория:
Новости и СМИ