Хус кæрдæг судзыны 220 цауы æрцыд афæдзы райдианæй Цæгат Ирыстоны
Республикæйы афæдзы райдианæй фæнысан кодтой хус кæрдæг судзыны 220 цауы. Уый фаронимæ абаргæйæ у фылдæр. Зынгсирвæзтытæй тæссаг рæстæг райдыдта 4-æм мартъийы. Уавæр взæрдæр у Дзæуджыхъæу, Æрæфы æмæ Алагиры районты хъæуты. Ныридæгæн административон æгъдауæй бафхæрдтой 12 адæймаджы. Уыдонæй дыууæйæ кæрдæг сыгътой хъæууонхæдзарадон зæххытыл. Быдырты ахæм хуызы æфснайд хæссы зиан, зæгъынц специалисттæ. Уымæн æмæ афтæмæй мæр цух æййафы пайда микроэлеменнтæй. Æвзæр у экологийæн дæр. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрадæй сидынц, кæрдæг судзгæйæ æххæст кæнын хъæуы æдасдзинады домæнтæ. Специалисттæ алкæддæр цæттæ сты æмбæлгæ амынддзинæдтæ раттынмæ.