Фыдыбæстæйӕн лæггад кæнын æмæ йæ хъысмæты бæрны цæуын. Монон-хæрзæгъдау цæстæнгас
«Фыдыбæстæйӕн лæггад кæнын æмæ йæ хъысмæты бæрны цæуын. Монон-хæрзæгъдау цæстæнгас» — ацы темæйыл ныхас цыд сæрмагонд æмбырды рæстæг Дзæуджыхъæуы. Хицауады, Цæгат Кавказы дины управлениты, æхсæнадон палатæйы минæвæрттæ, историктæ æмæ социологтæ дзырдтой адæмы иудзинад бахъахъхъæныныл. Хæларæй цæрæн ис алы дин, зондахаст æмæ адæмыхæттыты минæвæрттæн. Уый уæлдай ахсджиаг у ныртæккæ — сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæг. Уымæн æмæ уым, тохы раззагдæр бынæтты чи ис, уыдоны нæ зæрдиаг æххуыс тынг хъæуы. Æмбырды архайджытæ фæбæрæг кодтой, нæ бæстæйы хъысмæт æмæ тых нæ алкæмæйдæр кæй сты аразгæ. Раздæр ма ацы темæйыл ныхас цыд Мæскуыйы Æппæтуæрæсейон егъау конференцийы.