Æрмадз «Арион» ы практикæ кæнынц ахуыргæнæндæтты студенттæ
Скифты, сæрмæтты æмæ алайнаг культурæйы куыстыты æрмадз «Арион» архайы 30 азы дæргъы. Æнтыстыджынæй цæуынц размæ. Сæ куыстытæ зындгонд сты канд нæ республикæйы нæ, фæлæ ма фæсарæнты дæр. Уæдæ студенттæн дæр ис фадат уым практикæ кæнын. Сызгъæрин къухты хицау æрмдæсны схонæн ис Æлборты Виталийы. Амоны, йæ куысты сæйрагдæр кусæнгæрзтæ цавæртæ сты. Ацы æрмдæсны цымыдисаг кæй у, уый дызæрдыккаг нæу. Æнувыд ыл у бирæ азты, уарзгæ та йæ кæны æгæронæй. Æрмадзы ахуырадон практикæ ацæуынынц студенттæ дæр.Цæгат Кавказы Хæххон-Металлургон институты æмæ Дзанайты Азанбеджы номыл аивадон училищæйы ахуырдзаутæ ам сты арæх уазджытæ. Æрыгон специалисттæн хорз ахуыргæнджытæ ис. Сæ хъуыдытæ сæххæст кæнынмæ сæм чи фæкæса, уый ис. Æрхъуыды кæнынц цавæр нывæфтыд сæ фæнды дзаумайыл равдисын, уый. Равзарынц цавæр æрмæгимæ сæ фæнды бацархайын. уый дæр: æвзист, æфсæйнаг, кæнæ та хъæд. Сæ куыстытæ рауайынц иттæг рæсугъд. Скифты, сæрмæтты æмæ аланты æгъдæутты æууæлтæй конд цымыдисаг куыстытæ, дисы батауынц алкæй дæр. Æрмадз «Арион»-ы разамонæг Æлборты Асланы ныхæстæм гæсгæ, сæ куыст кæд æнцонтæй нæу, уæддæр сын хæссы удæнцой. Аслан ацы æрмдæсныйыл у æнувыд 30 азы. Йæ куыстытæ арвиты алыхуызон равдысттæм æмæ æркастытæм. Бацахсы фыццаг бынæттæ. Фарон республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы бардзырдмæ гæсгæ, куыстуатæн радтой бæстыхай. Хъуыдис ма йæ бацалцæг кæнын. Ныр æрмадз кусы куыд æмбæлы афтæ. Бирæ азты сын бæстыхайы фарста уыд тыхсинаг. Фæлæ сæргълæууæджы æххуыс-зынгæ фенцондæр кодта сæ куыст. Хъама, кард, згъæрхæдæттæ, фæрæттæ æмæ ма ноджы алыхуызон диссæгтæ сæвзæрынц сæ къухты. Ам ног гæнæнтæ фæзыны æрыгон специлиасттæн. Уырны сæ фидæны ацы дæсныйады ног стъалытау кæй сæрттивдзысты, уый. АФтæмæй Ирыстоны кад дард хъуысдзæн æнæхъæн бæстæйыл. Пелиты Сабинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æрмадз «Арион» ы практикæ кæнынц ахуыргæнæндæтты студенттæ
Категория:
Новости и СМИ