Кæронбæттæны пресс-конференци

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 лет назад

Абон Ирыстоны парламенты сæрдар Алексей Мачнев сарæзты ацы азы кæронбæттæн пресс-конференци. Журналисттæм уыд бирæ фарстатæ. Фыццаджыдæр баст уыдысты закъонæвæрдимæ. Ивгъуыд азы цавæр закъоныпроект банымайæн ис ахсджиагдæрыл, зæгъгæ куы бафарстой, уæд Алексей Мачнев дзуапп радта: алы закъон дæр у ахадгæ.  Вазыгджын хъуыддагыл банымадта бюджет кæй сфидар кодтой уый. Уый фæрцы социалон фарстатыл ныр бæстондæр бакусдзысты. Æрдзырдтой ма хостæ æлхæныны фæткыл дæр. Ног азы уымæ хъæудзæн лæмбынæг цæстдард аздахын. Парламенты сæрдармæ радтой фарста завод Электроцинчы уавæры тыххæй. Уымæй уæлдай ма Алексей Мачнев йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй йын Андиаты Сослан йæ цардæй кæй ахицæн, уый тынг хъыг уыд. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм Олимпаг чемпион йе` нусон бæстæмæ ацыд 22 -æм ноябры. Ныр республикæйы парламент фæнд кæны Дзæуджыхъæуы аэропортæн йæ ном радтын. Уыцы хъуыды хъуамæ сæххæст кæной. Конференцийы фæстæ Алексей Мачнев арфæ ракодта журналисттæн. Йæ ныхæстæм гæсгæ ахæм фембæлдтытæн ис стыр ахадындзинад. Æнгом кæнынц дзыллон иномацион фæрæзтæ хицауадимæ. Зæрдæ бавæрдта фидæны ахæм фембæлдтытæ уыдзæн арæхдæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Кæронбæттæны пресс-конференци

Категория:

Новости и СМИ