Цæгатирыстойнаг спортсментæ Пятигорскы ерысты рамбылдтой 14 сызгъæрин æмæ 6 æвзист майданы

Æнæ уæлдай ныхасæй æмæ æппæт амынддзинæдтæ хынцгæйæ. Тренировкæты зал кæд стыр у, уæддæр спортсментæ сæ тренеры тызмæг ныхас иууылдæр хорз хъусынц. Йæ алы фезмæлдмæ дæр ын лæмбынæг кæсынц æмæ фæлтæрæнтæ фæлхат кæнынц. Ахæм хуызы ацæуы алы ахуыр дæр. Алы змæлд, алы комбинаци дæр у фæлтæрддзинад. Рингы, ныхмæлæуды рæстæг иу секундæй дæр аразгæ у уæлахиз. Уымæ гæсгæ фæсивæд сæ тыхтæ не 'вгъау кæнынц. Уæвгæ, тренертæ ахуыргæнинæгтæн уæгъд рæстæг нæ дæттынц. Тренировкæйы бæстон архайд цæуы, уый хъуысы æрбахизæнæй. Æрмæст æнæрлæугæ куысты руаджы къухы бафты æнтыстдзинæдтæ. Æрæджы Пятигорскы ерысты 22 боксеры райстой 14 сызгъæрин æмæ 6 æвзист майданы. Хуыздæртæй иу сси Цомартаты Хетæг. Æмæ кæд Хетæг нырма æрæджы райдыдта спорты йæ фæндаг, уæд Илья Бризицкий та у фæлтæрдджын спортсмен. Архайдта ММА-йы , дзюдойы, фæлæ рахызт боксмæ. Æмæ уыцы хъуыддагыл никуы фæсмон кодта. Разæнгард æй кæнынц зындгонд спортсментæ — Джалолов æмæ Головкин. Кусы йæхиуыл. Нæ дызæрдыг кæны, йæ разамонæджы руаджы йæ бæллицтæ йæ къухы кæй бафтдзысты. Боксы къæхтæ, гуыр æмæ къухтæй уæлдай кусы сæры зонд. Хъæуы раст хъуыды кæнын, иртасын ныхмæлæууæджы архайд. Кæй зæгъын æй хъæуы, алы хатт нæ рауайы. Фæлæ тренер зоны фæндаг йæ ахуыргæнинæгтæм. Танделаты Тамерлан ацы дæсныйады ис 10 азæй фылдæр. Йæ фæлтæрддзинад ын æххуыс кæны чемпионтæ хъомыл кæнынæн. Фæлæ æнтыстдзинæды 90 % аразгæ у ныййарджытæй. Фæлæ, хъыгагæн, бирæтæн ныфс чи радта, уый нæ вæййы. Клубы бирæтæ сты уæззау уавæрты чи схъомыл, ахæмтæ, зæгъы Тамерлан. Уымæ гæсгæ, арæх, хуымæтæг царды сæ бон сæ ныййарджытæм æххуысы фæдыл фæсидын нæу. Фæлæ сæ фарсмæ кæддæриддæр ис тренер. Залы архайынц Æппæтуæрæсеон ерысты призертæ, спорты дæснымæ кандидаттæ æмæ бирæ æнтыстджын фæсивæд. Ам сын æххуыс кæнынц сæ профессоналон рæзтæн. Фæлæ æнæмнæг у иу хъуыддаг, спортсмен æй хъуамæ йæхæдæг зона цы йæ хъæуы, уый æмæ йæ размæ æвæрд нысæнттæм тырна.

Иконка канала IRYSTONTV
1 453 подписчика
12+
22 просмотра
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии