Экстрим сæ туджы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

8 лет назад

Ивгъуыд улæфæн бонты цæгат-ирыстойнаг спортсментæ ссыдысты Краснодары крайæ. Не `ртæ `мзæххоны дзы систы мотокросæй регионалон чемпиоанты уæлахиздзаутæ. Ныр та сæхи цæттæ кæнынц Уæрæсейы Чемпионатмæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн нæ уацхæссæг. Æфсæн бæхы рохтыл Сырхауты Артур хæцы ныр 38 азы. Йæ сабибонтæй фæстæмæ уарзы мотоцикл æмæ йыл зæрдиагæй дугъ кæны. Райгуырд Куырттаты комы. Æрхъуыды кæны йæ, чысыл уæвгæйæ-иу йæ райгуырæн уынджы куыд разгъор-базгъор кодта, уый. Æрмæст фæстаг азмæ 7 хатты архайдта алыхуызон ерысты. Алы ран дæр дзы ссис уæлахиздзау. Ныр нæлгоймагыл цæуы 54 азы. Йе стыр фæлтæрддзинад ныр бабæздзæн кæстæртæн. Ацы адæмæн мотокросс æрмæст сæ дæсныйад нæу. Дугъгæнгæйæ сæ бон у се `нкъарæнтæ равдисын. Кæм - сæ маст, кæм та - сæ циндзинад. Фæлæ сæ иу кæны тагъд цæуынмæ уарзондзинад. Клубы уæнгтæ кæрæдзийы `хсæн быцæу дæр никуы фæкæнынц. Алкæддæр æххуысмæ цæттæ сты, цæрынц иу бинонтау. Кæд сæхæдæг басгуыхтысты сæ дæсныйады, уæддæр кæстæртыл былысчъил нæ кæнынц. Ахуыр сæ кæнынц мотоциклтыл цæуыныл. Райдайынц сæхи фыртæй. Быгъуылты Мæирбег: «Иу-хатт федтон мотокроссæй ерыстæ æмæ тынг мæ зæрдæмæ фæцыдысты. Фыццаг ахуыр кодтон дыууæцалхон велосипедыл. Фæстæдæр мын мæ фыд мотоцикл балхæдта». Автомотоспорты федераци дæсгай азтæ дугъгæнджыты фæлтæртæ иу æмæ дыууæ не схъомыл кодта. Кæд сæ бирæтæ ацы спорты хуызæй иуварс алæууыдысты, уæддæр сæ рох нæу се `рыгоны бонты уарзон дæсныйад. Кæстæр фæлтæр систы сæ фидæн æмæ сæ ныфс. Краснодары крайы арæзт мотодугъгæнджыты чемпионаты нæ республикæйы минæвæрттæ бацахстой 3 фыццаг бынаты. Ахæм æнтыст сын сæхиуыл фервæссыны мадзал нæ, фæлæ дарддæр цæуыны хъомыс фæцис. Сæ фидæны `нтыстытæ ноджы фылдæр кæй уыдзысты, уый сæ уырны. Уый тыххæй сæхи цæттæ кæнынц мото-эндуройæ, зæгъгæ, Уæрæсейы чемпионатмæ. Уыдзæн октябры Стъараполы крайы. Уый фæстæ дугъгæнджытæ фембæлдзысты Дзæуджыхъæуы. Рагон фæткмæ гæсгæ нæ горæты сараздзысты гом мотокросс инæлар Плиты Иссæйы номыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Экстрим сæ туджы

Категория:

Новости и СМИ