Ипотекæйы ист цæрæнуат иунæг куы уа æмæ йæ хицау банкротыл нымад куы æрæуа, уæд æй кредиторæн сæ бон

Ипотекæимæ баст ногдзинæдтæ. Ныр адæймаг банкротыл нымад куы æрцæуа, уæд ипотекæйы ист хæдзар иунæг цæрæнуатыл нымадӕй кредитортӕн сӕ бон байсын нал уыдзæн. Ахæм закъоны проект фыццаг æркасты сфидар кодта Паддзахадон Думæ. Уый тыххæй хъусын кæны ТАСС. Тæрхондонтæн бар уыдзæн фидыддзинады бадзырд снысан кæнын æмæ хæс хæйттыл адих кæнын. Уæд цæрæнуат, банкрот уæвгæйæ, бахъахъхъæнӕн уыдзæн. Исбонад, зæххы æмæ мулчы фарстаты фæдыл комитеты сæрдар Сергей Гаврилов куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ацы закъоны проект ныртæккæ у тынг хъæугæ. Сæ бон фидын кæмæн нæу, ахæм цæрджыты нымæц рæзы. Афӕдзы райдианæй ахæм æвæрæз адæмы нымæц схызт 249 минæй фылдæрмæ . Уый та у 28,8% фылдæр ивгъуыд азы бæрæггнæнтимæ абаргæйæ. Сергей Гавриловы ныхæстæм гæсгæ, ацы закъоны проект у социалон. Къабазы ахастдзинæдтæ нывыл кæнгæйæ, хъæуы фыццаджыдæр мæгуыр цæрджыты бартæ бахъахъхъæнын, æмæ ма уыимæ кредитортæ дæр разы цæуыл уыдзысты, ахæм фидыды бадзырд бафыссын.

Иконка канала IRYSTONTV
1 463 подписчика
12+
24 просмотра
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии