Транскамы рацараздзысты 23 километры хай фæндаг
Транскамы рацараздзысты 23 километры хай фæндаг. Цалцæггæнæн куыстытæ ныртæккæ сæ тæмæны бацыдысты. Уый тыххæй хъусын кæнынц Фæндæгты Федералон разамындæй «Кавказ», зæгъгæ. Сæрмагонд проектмæ гæсгæ хъуамæ раивой фæндаджы уæлцъар æмæ 25 дондзæуæн хæтæлтæ. Уыимæ ма фæндаджы ацæуæнтæ дрæ фæуæрæх кæндзысты 9 метры онг. Базилдзысты 19 съездмæ. Фæндаггон службæтæ сараздзысты 1 километр æмæ `рдæг уæллаг æмæ 400 метры дæллаг быцæу къултæ. 26 квадратон метры байтаудзысты сеткæ. Афтæмæй, ахæм мадзæлтты руаджы фæндаг бахъахъхъæнæн уыдзæн дурты æмæ доны лæбырдтытæй. Фæндаггон æдасдзинады домнæтæ сæххæст кæнынæн, специалисттæ 21 километры сифтонг кæндзысты æфсæн бырутæй æмæ русхдæттæн нысантæй. Фæндаджы уæлцъар дæр снысан кæндзысты тæвд пластикæй. Алагиры районы - Дæллаг Унал, Зынцъар æмæ Мызуры сараздзысты 7 æрлæууæн бынаты. Сæ алфамблай, 1 километрæй фылдæр, сæхгæндзысты быруйæ. Фæткмæ гæсгæ, кустытæ хъуамæ фæуой 2020 азмæ. Цалынмæ арæзтадон куыстытæ цæуой уæдмæ хæдтулгæтæн ацæуыны бар уыдзæн æрмæстдæр фæндаджы иу хайыл. Мызуры `рдыгæй фæндаджы змæлдмæ сæ цæст дардзысты Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ. Фæндæгты Федералон разамынд куры бæлцæттæй, цæмæй уой къæрцхъусдæр æмæ æдасдзинады домæнтæ æххæст кæной. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Транскамы рацараздзысты 23 километры хай фæндаг
Категория:
Новости и СМИ