Сергей Меняйло ДОМ.РФ-ы минæвæрттимæ ныхас кодта Дзæуджыхъæуы мастер-пъланыл
Дзæуджыхъæуы мастер-пъланы проектыл Сергей Меняйло æрдзырдта ДОМ.РФ-ы проектон хайады разамонæг Ксения Голубева æмæ наукон-иртасæн центр «Картфонд»-ы минæвæрттæ Александр Панин æмæ Раким Махмудовимæ. Æмбырды ма архайдтой премьер Дзанайты Барис æмæ горæты администрацийы разамонæг Милдзыхты Вячеслав. Дзæуджыхъæуы мастер-пълан у стратегион документ, нысангонд дзы æрцыд 2033-æм азмæ горæты райрæзты иумæйаг здæхтытæ. Уый у бæстон анализ æмæ уынаффæтæ промышленнон, социалон-культурон æмæ туристон-креативон кластертæн, цæрæнуæтты арæзтад æмæ горæты æнцонвадаты къабæзтæн, транспортон æмæ инженерон инфраструктурæн. Ксения Голубева куыд фæнысан кодта, афтæмæй мастер-пъланы райрæзт у бирæвæрсыг куыст, хауынц æм территориты анализ, проектон хъæппæристæ æмæ æнæмæнг цæрджыты хъуыдытæ æмæ амынддзинæдтæ æмбырд кæнын. Пълан аразджытæ ныридæгæн цæрджытæ æмæ бизнесæн сарæзтой цалдæр мадзалы. Се 'хсæн сесситæ, алыхуызон фембæлдтæ, гом микрофоны форматы уыд проекты презентаци дæр. Ныртæккæ нымад цæуынц хъæппæристы хæрдзтæ, дарддæр йæ райрæзтыл куыст фæуыдзæн.