Цæст дарынц
Дзæуджыхъæуы сæйраг парчы дарддæр цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ. Нæ республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз абон бабæрæг объекты уавæр. Аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй куыстыты иу хай бакодтой. Хæстæгдæр бонты райдайдзысты электрон тыхы тЕлтæ фидар кæнын. Дарддæр та — фистæгцæуджытæн фæндæгтæм æмæ тротуартæм зилын. Куыстыты пъланмæ гæсгæ бонмæ æвæрдзысты 500 квадратон метры, афтæмæй фæуыдзысты æмгъуыдæй 2 къуырийы раздæр. Фæлæ Тускъаты Таймураз куыд фæнысан кодта, афтæмæй бынаты кусджытæ фаг не сты. Коммуналон-хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министры хæдивæг Хъуппеты Тæирæ: «Разы стæм Тускъаты Таймуразимæ. Объекты кусынц 50 адæймаджы. Фæлæ фаг не сты. Мæ зæрдæ дарын, райсом кусджытыл кæй бафтдзæн, ууыл. Куыст афтæмæй тагъддæр æмæ хуыздæр хъуамæ цæуын райдайа». Тускъаты Таймураз ма бабæрæг кодта нæ республикæйы национ музей. Уым 3-аг уæладзыджы дарддæр цæуынц арæзтадон куыстытæ. Фæнды сæ, цæмæй 1-æм уæладзыджы уа æрвылбоны экспозици. Музейы хицауад æнхъæлмæ кæсы æхцайы фæрæзтæм. Уый фæстæ бадзурдзысты эксперттæм, цæмæй экспозицийы объекттæ раст сæвæрой. Уæдмæ та уал равдысты иу хай уыдзæн 2-аг уæладзыджы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Цæст дарынц
Категория:
Новости и СМИ