Беслæны Культурæ æмæ улæфыны сæйраг парк бындуронæй цалцæг кæнынц
Фарон Беслæн рамбылдта "Горæты æнцонвадат уавæртæ аразыны" конкурсы. Федералон æмæ республикон бюджетæй цы 110 милуан сомы рахай кодтой, уыдонæй аив кæнынц фæлладуадзæн бынæттæ. Цæрджытæн сæхи бафæндыд, цæмæй сæйраг парк дæр рацаразой. Куыстытæ æххæстгæнджытæ фæллой кæнынц æнувыдæй. Объекты пълан адæймаджы дисы æфтауы. Парк æнæхъæнæй сног кæндзысты, æнæ ивддзинæдтæй ныуадздзысты æрмæст сывæллæтты хъазæн фæз. Уый, федералон программæмæ гæсгæ, сæвæрдтой 3 азы размæ æмæ æдасдзинадды æппæт домæнтæн дæр дзуапп дæтты. Ам æрбынат кæндзæн 25 метры дæргъæн фæлгæсæн цалх, уымæй уæлдай, республикæйы егъаудæр рухс æмæ музыкæимæ фонтан. Фарон Беслæн фæуæлахиз "Горæты æнцонвадат уавæртæ аразыны" онлайн хъæлæсдæттыны конкурсы. Базилын цы фæзуæттæм хъæуы, уыдон цæрджытæ равзæрстой сæхæдæг. Культурæ æмæ улæфыны сæйраг парк хыгъды уыд фыццæгтæй иу. Егъау рацарæзт райдыдта ацы аз апрелы. Объекты фæллой кæнынц 40 адæймаджы. Фæзуатыл уыдзæн дыууæ фонтаны нуазыны донимæ, стæй ног бандæттæ æмæ бырондæттæ. Рухсытæ дæр раивтой. Сывæллæтты хъазæн фæзы цур ма сæвæрдзысты дыууæ ног каруселы. Ам сараздзысты автодром. Уæдæ стырты дæр нæ ферох кодтой. Бацæттæ сын кæндзысты хицæн бынат. Уырдыгæй сабитæм цæст дарын бирæ æнцондæр уыдзæн. Рацарæзтæн рахай кодтой 110 млн сомы: 15 республикон бюджетæй æмæ 95 федералонæй. Объект раттынвæнд кæнынц 1 ноябры онг. Уый размæ та уал ам ныссадздзысты 40 бæласæй фылдæр. Парчы ис Ирыстоны уарзон поэт Цæлыккаты Феликсы цыртдзæвæн. Уымæн дæр йæ алфамблай саив кæндзысты.