Абон Мæздæджы байгом сывæллæтты ног рæвдауæндон
Абон Мæздæджы кадджын уавæры байгом сывæллæтты рæвдауæндон. Бынат дзы ис 230 сабийæн. Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав сывæллæттимæ сырх лент алыг кодта. Арфæ ракодта цæрджытæн бирæ цы цаумæ æнхъæлмæ кастысты уый фæдыл. Битарты Вячеслав куыд бафиппайдта, афтæмæй ныртæккæ республикæйы бæстонæй кусынц сывæллæтты рæвдауæндæтты рад фæкъаддæр кæныныл. Уый тыххæй аразынц ног объекттæ. Бафтаудзыстæм ма уый Мæздæджы районы афæдзы кæронмæ фæзындзæн иу сывæллæтты ног рæвдауæндон. Ацы сывæллæтты рæвдауæндонмæ цы сабитæ цæудзæн, уыдонæн бæстыхайы сарæзтой экскурси. Равдыстой сын уаттæ æмæ ног хъазæнтæ. Сывæллæтты рæвдауæндон ифтонггонд у нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм кусæнгæрзтæй. Ам ис гом арвы бын физкультурæйы фæз æмæ спортивон зал. Уымæй уæлдай ма медицинон пункт дæр. Ацы цауыл бынтон цин кæнынц ныййарджытæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй рæвдауæндонмæ рагæй æнхъæлмæ кастытсты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Абон Мæздæджы байгом сывæллæтты ног рæвдауæндон
Категория:
Новости и СМИ