Арвыкомы фæндаг боныхъæды аххосæгтæм гæсгæ у æхгæд

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

Раздæр уын куыд хъусын кодтам, афтæмæй нырмӕ дæр Арвыкомы фæндаг æхгæд у хæдтулгæты æппæт хуызтæн. Ацæуыны бар дзы нæй, Гуырдзыстоны 'рдыгæй зæйтæ рацæуынæй тас кæй у, уый тыххæй. Сæ радмæ æнхъæмæ кæсынц 400 уæзласæн хæдтулгæйæ фылдæр. Уавæр сбæрæг кодта не 'сфæлдыстадон къорд. Цалдӕр сæдæ шофырты ӕмхуызон «Уæллаг Ларсы» уадзæн пунктæй ахизынмæ æнхъæлмæ кæсы Руслан ОрУджов дæр. Нæлгоймаджы ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстонмæ цæуы Казанæй. Уым æм æнхъæлмæ кæсынц йæ бинонтæ. Фæлæ ацæуыны фадат нæй. Арвыкомы фæндаг æмæ Транскам боныхъæды аххосæгтæм гæсгæ сты æхгæд. Шофыртæ æрæмбырд сты уадзæн пункты. Фæнды сæ зонын, фæндаг кæд байгом уыдзæн, уый. Гуырдзыстоны 'рдыгæй зæйтæ рацæуынæй тæссаг кæй у, уымæ гæсгæ 19 декабры фæндаг æхгæд æрцыд хæдтулгæтæн. Ныртæккæ рады лæууы 400 уæзласæн хæдтулгæйæ фылдæр. Сæ бон ацæуын нæу рог хæдтулгæтæн дæр. Шофыртæн бацæттæ кодтой хъармгæнæн пункттæ. Сæрмагонд бынæтты сæ бон у цай бацымын. Уыимæ ма, фæндагмæ хæстæг ис фысымуæттæ дæр, хæдтулгæ кæм ныууадзай, ахæм сæрмагонд бынат æмæ ацаходыны пункттæ. Шофыртæ сæ зæрдæ дарынц, хæстæгдӕр рæстæг боныхъæд кæй фæхуыздæр уыдзæн æмæ сæ балц кæй адарддæр кæндзысты, ууыл. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv