Дзанайты Барис федта Дзæуджыхъæуы сывæллæтты рæвдауæндæтты арæзтад

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

Дзанайты Барис федта Дзæуджыхъæуы сывæллæтты рæвдауæндæтты арæзтад. Ныхас цæуы, нысангонд æмгъуыдæй фæстæдæр чи рæвдз кæны, уыцы объекттыл. Æрæджы республикæйы хицауады сæрдар дзуапдæттæг министртимæ дзырдта, федералон фæрæзтæй цы бæстыхæйттæ аразынц, уыдонмæ хъуамæ уæлдай цæстдард кæй уа, уый тыххæй. Къесаты Астаны номыл уынджы 11-æм микрорайоны 280 бынатæн цы рæвдауæндон аразынц, уый нысангонд æмгъуыдæй фæфæстæдæр. Объект аразынц нацпроект «Демография»-йы фæлгæты. Фæткмæ гæсгæ хъуамæ срæвдз уыдаид ацы азы кæронмæ, фæлæ, арæзтад æмæ архитектурæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Моргуаты Константин куыд радзырдта, афтæмæй нысангонд æмгъуыдмæ не срæвдз уыдзæн.  Дзанайты Барис подрядон куыстуаты разамонæгæй æрдомдта куыстытæ æнæрлæугæйæ æххæст кæнын, цæмæй объектæн цы фæрæзтæ рахай кодтой, уыдон афойнадыл хардзгонд æрцæуой. Иу объект ма — Владикавказкая уынджы сывæллæтты рæвдауæндон 280 бынатæн. Уый дæр аразынц нацпроект «Демография»-йы фæлгæты. Ныртæккæ куыстытæ цæуынц фыццæгæм уæладзыджы. Уый тыххæй Дзанайты Барисæн радзырдта подрядон организацийы директоры хæдивæг Соскъиты Батраз. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй архайынц æппæт куыстытæ дæр афойнадыл сæххæст кæныныл. Фæлæ, гæнæн ис, æмæ графиккыл нæ аххæссой. Премьер куыд бафиппайдта, афтæмæй арæзтадон компани хъуамæ контракты домæнтæ афоныл баххæст кæна. Æмгъуыдæй фæстæдæр цы объекттæ срæвдз уой, уыдоны подрядчикты фæивар кæндзысты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv