Гаглойты бирæсывæллонджын бинонтæн радтой æртæуатон фатер

Нæ чызг йе стырдæр бæллицтæ ныв кодта гæххæттыл. Райдзаст хæдзар. Алкæмæндæр дзы йæхи уат, афтæмæй. Ам куы æрцардыстæм, уæд йæ цинæн кæрон нæ уыд.  Чысыл Даниэллæйæн сæххæст йæ стырдæр бæллиц. Ныр чызгæн ис хицӕн уат. Йæ уарзон дзаумæттæ дзы аив равæрдта, йæхи куыд фæндыд, афтæ. Скъолайы фæстæ дзы йæ уæнгтæ аивазы. Алы чиныг æмæ тетрадæн хи бынат куы уа, уæд хæдзармæ куыстытæ æххæст кæнын дæр удæнцой у. Фæлæ ахæм уавæртæ алкæд нæ уыд. Гыццыл уаты Гаглойты Зæлинæ къуындæг уавӕрты цард  йæ цыппар сывæллонимæ. Бирæ зындзинæдтæ ӕййæфта. Царыл сау хъулæттæ, уымæлад - уый  къуылымпыдзинæдтӕн ӕрмӕст сӕ чысыл хай. Ахæм æвзæр уавæрты бинонтæ уыдысты 4 азы. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу æрцардысты хаццоны ист фатерты. Сылгоймаг алы ран дæр архайдта йæ сабитæн сæ уавæртæ фенцондæр кæныныл. Хи хъарутæй-иу къултæ ногæй-ногмæ сахуырста, афтæмæй-иу рæстæгмæ нал зындысты хъуына æмæ уымæлады фæдтæ. Рæстæгæй-рæстæгмæ мæ-иу горæты администрацимæ æрбацыдтæн, цæмæй мын мæ уавæртæ фæхуыздæр кæнынмӕ баххуыс кӕной. Уымæн æмæ мæ бон мæ сывæллæтты дарын нæ уыд, фæрæзтæ мын нæ фаг кодта фатеры хаццон фидынæн дæр. Уæд фæсидтæн прокуратурæмæ. Уым мын мæ курдиатмæ се 'ргом раздæхтой. Архайдтой мын мæ фарста аиуварс кæныныл. Уый тыххæй сæ дæн бузныг. 2022-æм азы прокуратурæ сарæзта басгæрст. Раиртæстой, Гаглойты Зæлинæ 2018 азæй кӕй лæууыд, цæрынæн сæ уавæртæ фæхуыздæр кæнын кæмæн хъæуы, уыдоны номхыгъды. Ныртæккæ Гаглойты бинонтæ æппынæдзух сæмбырд вæййынц иумæ. Æрдзурынц фæстаг хабæрттыл, кæрæдзийæн радзурынц цымыдисаг цаутæ. Зæлинæ йæ сабиты фидæныл хъуыды кæны. Йæ ног хæдзары йæм ис бирæ æхсызгон хъуыдытæ. Уырны йæ сæ ног цæрæнбынат, æнæмæнг, амондджын кæй рауайдзæн.

Иконка канала IRYSTONTV
1 466 подписчиков
12+
18 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии