Хæрзаудæн фонд «Сердце Виктории» цæттæ кæны 25-æм гуманитарон парти
Хæрзаудæн фонд «Сердце Виктории» цæттæ кæны 25-æм гуманитарон парти
Хæрзаудæн фонд «Сердце Виктории» цæттæ кæны 25-æм гуманитарон парти. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн фонды уылты æххуыс цæуы канд Ирыстоны нæ, фæлæ ма сыхаг республикæты цæрджытæй. Суанг ма сæ бавæрæн хæссынц фæсарæйнаг бæстæтæй. Хъæугæ хостæ, хуыссæн дзаумæттæ, дон æмæ уæлæдарæс. Сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæ дæр бархионтæй рохуаты не сты. Æмбырдгæнæн пункты ис хойрæгтæ. Фонды кусджыты ныхæстæм гæсгæ бирæтæ архайынц сæхи номæй. Гуманитарон æххуыс арвитдзысты æфсæддонтæн æмæ ног регионты цæрджытæн. Организаци æмгуыст кæны Донбассы ирон диаспорæйы бархионтимæ дæр. Хæстæг рæстæджы ма фæнд кæнынц арвитын нысанкъахӕн сӕрмагонд гарз, куыддæр ын æхца æрæмбырд кæной, афтæ.