Цæгат Ирыстоны 2025 азмæ кæлæтдзаг хæдзæрттæй ногтæм раивдзысты иу мин адæймагæй фылдæр
Цæгат Ирыстоны 2025 азмæ кæлæтдзаг хæдзæрттæй ногтæм раивдзысты иу мин адæймагæй фылдæр. Уый тыххæй фехъусын кодта цæрæнуæтты-коммуналон хадзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Тамайты Майран. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй калд æрцæудзысты 20 минмæ æввахс квадратом метры хæлæтдзаг хæдзæрдтæ. Бæлвырдтæр зæгъгæйæ та цæрынæн чи нал бæззы, ахæм 35 бирæфатерон хæдзары. Адæмæн ног цæрæнуæттæ ратдзысты сæрмагонд программæйы фæлгæты. Архайынц дзы Дзæуджыхъæу, Дыгуры район, Мæздæг æмæ Рахизфарсы район. Тамайты Майран ма куыд фæнысан кодта, афтæмæй программæ æххæстгонд цæуы фæткмæ гæсгæ. Йæ фыццаг къæпхæн хъуамæ ахицæн уа 2020 азы. Дзæуджыхъæуы 54 фатеры æрцæрдзысты 123 адæймаджы. Программæйы фыццаг къæпхæныл бахардз кæндзысты 65 милуан сомæй фылдæр - цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады рацарæзты фонды фæрæзтæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны 2025 азмæ кæлæтдзаг хæдзæрттæй ногтæм раивдзысты иу мин адæймагæй фылдæр
Категория:
Новости и СМИ