Иумæйаг паддзахадон фæлварæн радтой рауагъдонты ныййарджытæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Иумæйаг паддзахадон фæлварæн радтой рауагъдонты ныййарджытæ. Уый æппæтуæрæсеон акцийы фæлгæты. Йæ аразæг у ахуырад æмæ наукæйы цæстдарды федералон службæ. Сæ хъæппæрисæй, иумæйаг паддзахадон фæлварæны бацархайыны фадат разынд куыд ныййарджытæн, афтæ хицауады уæнгтæ æмæ æхсæнадон архайджытæн дæр. Партæты уæлхъус бадынц ныййарджытæ. Сæ разы сæрмагонд гæххæттытæ хæслæвæрдтимæ. Æмæ дзæгъæлы нæ.... Ныййарджытæ сæ зонындзинæдтæ фæлварынц иумæйаг паддзахадон фæлварæны. Æппæтуæрæсеон акцийы фæлгæты. Акци «Единый день сдачи ЕГЭ родителями» фыццаг хатт фæзынд 2018 азы. Фæстæдæр та 2019 азы ацыд нæ бæстæйы æппæт бынæтты. Уæд дзы бацархайдтой 5 мин адæймай фылдæр. Нæ республикæ дæр фæстейы нæ баззад. Зæгъæм, ныр Æрыдоны ацы акци арæзт цæуы æртыккæгæм хатт. «Ныййарджытæй фæлварæн чи дæтты, уыдон иууылдæр сты аудиториты. Уым сын радзырдтой бæлвырддæр фæлварæны тыххæй. Скъолайы рауагъдонтæ куыд вæййынц, уымæ гæсгæ, ныййарджытæ дæр æххæст кодтой иумæйаг фæлварæны сæйраг фæтк», - Æрыдоны районы ахуырады къабазы разамонæг Андрей Швецов. Ныййарджыты хъуыдымæ гæсгæ, акцийы фæрцы ныр сæхи бон у фенын, цавæр хæслæвæрдтæ уыдзæн иумæйаг фæлварæны, уый. Уыимæ ма базонгæ уыдзысты аразджыты куыстимæ дæр. Зæгъæм, Сланты Луиза абон Æрыдоны фыццæгæм скъоламæ æрбацыдис, цæмæй йæхæдæг фена, фæлварæн куыд вæййы, уый. Акцийы сæйраг нысан у, цæмæй ныййарджытæ сæхиуыл банкъарой фæлварæны уавæртæ, бафиппайдта Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ наукæйы министр Людмила Башарина. Ахæм хъуыдыйыл хæст у ныййарджыты фылдæр хай. Ацы акци абон ацыд нæ республикæйы æппæт районты дæр. 2-æм мартъийы та цæудзæн Дзæуджыхъæуы скъолаты. Ацы аз акци сбастам Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 75 азимæ. Уый тыххæй хæслæвæрдтæ уыдысты историйы тыххæй. Къамисы уæнгты ныхæстæм гæсгæ, фæлварæны къуылымпыдзинæдтæ нæ уыд. Ацы мадзалы æрмæст ныййарджытæ нæ архайдтой, фæлæ ма хицауады уæнгтæ,уæлдæр ахуыргæнæндæтты ректортæ, æхсæнадон архайджытæ æмæ журналисттæ. «Единый день сдачи ЕГЭ родителями»-йы аразæг у ахуырад æмæ наукæмæ цæстдарды федералон службæйы кусджытæ. Къутæрты Аидæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Иумæйаг паддзахадон фæлварæн радтой рауагъдонты ныййарджытæ

Категория:

Новости и СМИ