4 æхсæнадон фæзуатмæ базилдзысты Цæгат Ирыстоны
4 æхсæнадон фæзуатмæ базилдзысты Цæгат Ирыстоны. Саив кæндзысты 4 хъæуы: Къора-Урсдон, Хъарман-Сындзыхъæу, Дур-Дур æмæ Николаевскæйы станицæ. Куыстытæн рахай кæндзысты 13 милуан сомы. Æхсæнадон зæххытæ Дыгуры районы нывыл кæнынц нацпроект «Жилье и городская среда»-йы фæлгæты. Ныртæккæ районы агурынц куыстытæ æххæстгæнæг компани. Æппæт хъæугæ документтæ куы сцæттæ уой, уæд кусын райдайдзысты. Æххæстæй фæуыдзысты 1-æм сентябрмæ. æдæппæтæй 2020 азы сног кæндзысты 33 æхсæнадон æмæ 124 хæдзары кæрты. Уый, 2019 азимæ абаргæйæ, у дыууæ хатты фылдæр. Проекты бюджет у 210 милуан сомы. Нацпроект «Жилье и городская среда» арæзт у 4 федералон проектæй: «Жилье», «Ипотекæ» æмæ «Формирование комфортной городской среды». Проект аххæсдзæн 2024-æм азы онг, йæ бюджет у 1 трилуан сомæй фылдæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
4 æхсæнадон фæзуатмæ базилдзысты Цæгат Ирыстоны
Категория:
Новости и СМИ