Мобилон уæлæфтуан фæзындысты Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæтæ сывæллæттæн
Мобилон уæлæфтуан «Ирон чиныджы» фæзындысты Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæтæ сывæллæттæн. Уыдон сты «Гино», Съколайы лæппу, Лæгау, æмæ æндæртæ. Æмдзæвгæтæ бакаст цæгат Ирыстоны адæмон артист Бититы Роберт. Уæлæфтуаны автор Гæбæраты Æсарбег куыд фæнысан кодта, афтæмæй йæ зæрды ис æндæр ирон классикты уацмыстæ дæр уæлæфтуанмæ бахæссын. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, проект «ирон чиныг» фæзынд 2017 азы. Уæдæй абонмæ йæм хаст æрцыд 300 ирон уацмысæй фылдæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Мобилон уæлæфтуан фæзындысты Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæтæ сывæллæттæн
Категория:
Новости и СМИ