Фæндæгтыл цæуыны æдасдзинад
Быдыры фæндæгты уавæр дæр у хæхбæсты халдих. Æмæ кæд Уæллаг Ларсы боныхъæд змæнты, уæд быдыры та æнæрхъуыды шофырты аххосæй æрцæуы фыдбылызтæ. Афтæ уыд, зæгъæм, ивгъуыд къуырийы райдиан Джызæлмæ фæндагыл. Фæфæлдæхт дзы, Дзæуджыхъæуæй адæмы чи раласта, уыцы марщрутон такси. Æнæмæт шофыр хъæуы цæрджытæы фæцæйцарæфтыд кодта. Бæлццæттæ дзы уыдис 15, цыппары дзы, се `хсæн 10-аздзыд чызг, афтæмæй, бахъуыдис дохтырты æххуыс. Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фыдбылыз æрцыдис, машинæйыл сæрдыгон цæлхытæ кæй уыдис, уый аххосæй. Бырынцъаг фæндагыл машинæ щофыры коммæ нал касти. Абон ма иу хатт здæхæм уыцы хабармæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Фæндæгтыл цæуыны æдасдзинад
Категория:
Новости и СМИ