Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны уыд документалон кинонывы премьерæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

4 года назад

Дзæуджыхъæуы ацыд документалон кинонывы презентаци. Сæйраг хъайтартæ дзы систы йе 'нæниздзинад хъыгдæр кæмæн у, фæлæ æгæрон курдиаты хицау чи сты, уыцы адæм. Уырыссаг æвзагæй тæлмац кæнгæйæ сæ «хурæнгæс» хонынц. Сæ алыварс дуне свæййы зæрдæхæлар. Алцæмæдæр арæхсынц. Кафынмæ, зарынмæ, сценæйыл хъазынмæ, суанг ма рэп дæр кæсынц. Уырыссаг æвзагæй тæлмац кæнгæйæ сæ хонынц «хурæнгæс» — куыд сывæллæтты, афтæ хистæрты дæр. Ацы адæм цæрынц нæ алыварс. Ууыл дзурæг у режиссер Дмитрий Зубаревы киноныв «Мы есть! Мы здесь!», зæгъгæ. Документалон лентæ фенæн уыд Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны. Сценарийы автор — Бзарты Аланæ. Ацы киноныв инклюзивон сфæлдыстадон къордтæ æмæ сæ разамонджыты тыххæй у фыццаг. Лентæйыл бæстон куыст фӕкодтой афæдзы дæргъы. Ист цыд республикæйы алы районы дæр. Киноныв сисыны хъæппæрис разынд æхсæнадон организаци «Время перемен»-ы разамонæг Хъотайты Альбинæмæ. Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ ацы аз ацы иугонды равзæрдыл æххæст кæны 5 азы. 8-аздзыд Фидараты Яринæйæн дæр йе 'нæниздзинад хъыгдæр у. Ахуыр кæны Дзæуджыхъæуы 26-æм скъолайы. Йæхи фæлвары моделы дæсныйады. Документалон лентæ чи федта, уыдоны зæрдæтæ байдзаг сты алыхуызон æнкъарæнтæй. Уды арфытӕй цы рæсугъд хъуыды рацыд, уый адӕммӕ фæхæццæ. Докуметалон киноныв «Мы есть! Мы здесь!»-ы премьерæ сбастой Дауны синдромы æппæтадæмон бонимæ. Цардмæ рауадзын та къухы бафтыд Уæрæсейы культурæйы министрады æххуысæй, исгæ та йæ скодта киностуди «Аланофильм». _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv