«Спортивон» политикæ
Уæрæсейы хъæбысхæцджыты, командæйы сæргъы Рæмонты Сослан афтæмæй, нæ бауагътой Иугонд Штатты кубок рамбулыны ерыстæм. Абон Айова -Ситийы цы ерыстæ райдыдтой, уым хъуамæ архайдтаикой нæ бæстæйы спортсментæ дæр. Фæлæ сын визæтæ нæ радтой. Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвæртты ныхæстæм гæсгæ, уый у бартæхалæг хъуыддаг. Уæрæсейы командæ уæгъдибар хъæбысхæстæй нымад у дунейы тыхджындæртæй иуыл. Уымæ гæсгæ сæвзæры фарста - дунейы стырдæр ерысты фылдæр цы ис: политикæ æви профессоналон спорт? Дзуапп ссарыныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд. Кæд Олимпаг хъæзтытæ не сты, уæддæр ног майдантæ рамбулын ацы хатт дæр къухы нæ бафтдзæн. Спорт политикæмæ ницы бар дары уый се `ппæт дæр зонынц. Фæлæ рæстæг куыд æвдисы, уый æрмæст ныхæстæ сты. Сæ мидис фесæфтой. Политикæ спорты ныффидар æмæ арф уидæгтæ ауагъта. Афтæ рауад æмæ Амерычы ерыстæмнæ бæстæйæ ничи ацыд. Минæварады цы визæтæм æнхъæлмæ кастысты уыдоныл схардз кодтой 150 мин сомы. Æхца кæй зæгъын æй хъæуы фæстæмæ ничиуал раздахдзæн. Фæлæ ууыл дæр ничи дзуры. уый сæйраг нæу. Спортсменты дисы æфтауы æндæр хъуыддаг - ерысты уæрæсейаг, стæй цыфæнды бæстæты тыхджын командæтæ куы нæ архайой, уæд сæ æххæстæй банымайæн куыд ис? Уæрæсейаг богæлттимæ гауызмæ куы нæ рацæуай æмæ куы нæ хæцай, уæд спортсмен йæхи ДУНЕЙЫ тыхджындæрыл куыд æрцæуы? Уый бирæтæм дызæрдыккаг кæсы. Олимпаг хъæзтыты историмæ куы æркæсæм, уæд дзы нæ бæстæйы спортсментæ хицæн бынат ахсынц - æдæппæтæй рамбылдтой - 109 майданы. Уыдонæй 95 сызгъæрины, 9-æвзисты æмæ 5 -бронзæ майданы. Иннæ бæстæты спортсментæ дæр сæвзæрд уавæримæ разы не сты. Политикæ спортыл куыд ахады, уый зæрдæмæдзæугæ нæу. Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвар Мария Захарова бæлвырдæй загъта - иугонд командæйы бартæ æргомæй халынц. Бæлвырдгæнæн информаци та нæдæр Америкæйы уæгъдибар хъæбысхæсты федераци, нæдæр æндæр дзуаппдæттæг организацитæ нæ дæттынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
«Спортивон» политикæ
Категория:
Новости и СМИ