Бындурон цалцæджы фондмæ фиддонтæ хæссыны бæрæггæнæнтæ Цæгат Ирыстоны фæбæрзонддæр сты

2 тыс. подписчиков

12+
12+

17 просмотров

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

17 просмотров

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

17 просмотров

4 года назад

Регионалон программæты фæлгæты æппæт Уæрæсейы дæр цалцæг кæнынц бирæфатерон хæдзæрттæ. Фарон, раздæры азтимæ абаргæйæ, бæстæйы цæрджытæ бындурон цалцæджы фиддонтæ хуыздæр баххæст кодтой. Раззагдæр регионты 'хсæн — Цæгат Ирыстон дæр. Бындурон цалцæгмæ рады цы хуызы ис слæууæн æмæ ныридæгæн цалцæггонд цал хæдзары 'рцыд? Николаевы номыл уынджы хæдзар йæ хуыз скалдта. Бæстыхайы ногæй баивтой электрон тыхы телтæ, газ æмæ доны хæтæлтæ. Фæивтой ын йе 'ддаг бакаст дæр. Рацарæзтой хæдзары бындур æмæ ныккæнд дæр. Уый къухы бафтыд бындурон цалцæджы регионалон программæйы фæлгæты. Рацарæзт цыд æхсæз мæйы. Йæ хæрзхъæддзинадæй цæрджытæ разы сты. Куыстытæ æххæстгæнæг компани бæстонæй бацархайдта. Хæдзары 'ддаг бакаст аивгæнгæйæ, къулæй цы электрон тыхы телтæ зындысты, уыдон сæхи хъæппæрисæй снывыл кодтой. Фæлæ уæддæр æппæт лыстæгдзинæдтæ нæ хыгъдмæ райстой. Ахæм рацарæзтмæ æнхъæлмæ кæсынц Къостайы проспекты хæдзары цæрджытæ дæр. Æхца дæр æрæмбырд кодтой цыбыр æмгъуыдмæ. Ног хæтæлтæ, æддаг бакаст, рудзгуытæ. Хæстæг рæстæг куыстытæ райдайдзысты. Фарон, бындурон цалцæгæн фиддонты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Цæгат Ирыстон бахауд раззагдæрты хыгъдмæ. Специалисттæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй бындурон цалцæг ис æмгъуыдæй раздæр скæнæн. Уый, фиддонты бæрц куы фаг кæна, уæд. Хъуыддаг цæрджытæн сæхицæй аразгæ у. Фарон Цæгат Ирыстоны сцалцæг кодтой 29 бирæфатерон хæдзары. Ацы аз фæнд кæнынц 47 цæрæнуаты рацаразын. Уыдонæй 25 сцæттæ уыдзысты 1-æм майы онг. Сæйраг нысан — аивдзинадæй уæлдай, цæрджытæн æнцон уавæртæ скæнын. Дзæдзойты Фатимæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv