Хъоппæг цæстæй

2 тыс. подписчиков

12+
12+

15 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

15 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

15 просмотров

8 лет назад

Ахсæв Зæххы къорийы цæрджытæн сæ бон у сæ цæстытæ арвмæ ныццæвын. Нæ планетæйы `мдзугæнæг Мæй нæм фæхæстæгдæр ис дæсгай мин километртæ. Уый руаджы уыдис, æрвылбон куыд фæзыны, уымæй стырдæр æмæ ирддæр. Астрономты информацимæ гæсгæ, Мæйы асыл бафтыд 14 проценты. Фæтынгдæр йæ тæмæнад дæр. Æмткæй райсгæйæ - 30 проценты бæрц. Уырыссагау ацы фæзынд хуыйны «суперлуние». Æппæты тынгдæр бæрæг фæдары, денджызмæ `ввахс чи цæры, уыдоныл. Мæй кæй фæхæстæгдæр вæййы, уый расайы тыхджын донæрбаивылдтытæ æмæ донаивылдтытæ. Фæлæ денджыз йæ фындзы бын кæмæн нæй, уыдоны цæст дæр егъаудæр мæйыл æрхæцдзæн. Хуыздæр уавæртæ уымæн уыдис Зæххы цæгатаг æрдæгкъорийы цæрджытæн. Уæрæсейы дæр уымæй амонд фæцис. Æрмæст иу фиппаинаг: æрвон диссæгтæ ахсæв фенæн ис ирд арвыл. Æмæ, уæвгæ, уымæй дæр цух не стæм. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ фæстаг хатт Мæй нæ Зæххы къоримæ æппæты тынгдæр æрбахæстæг ивгъуыд азы райдиан. Фæлæ нын уæд абонимæ абаргæйæ нæ уæларвон сыхаг нæ дуар æххæстæй не `рбахоста. Уыдис иучысыл дарддæр. Ахсæв фæныфсджындæр ис, æмæ йæ цæсгом равдыста ноджы ирддæрæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хъоппæг цæстæй

Категория:

Новости и СМИ