Цымыти æмæ Къостайы хъæуты хсæн фæндаг цалцæггонд æрцыд
Цымыти æмæ Къостайы хъæуты ’хсæн фæндаг цалцæггонд æрцыд. Ног фæндаджы уаццаг у 3 км-æй фылдæр. Мартъийы мæй ацы аз республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав фембæлд Æрыдоны районы цæрджытимæ. Уым риссагдæр фарстатæй иу уыд фæндаджы уавæр. Дзыхъхъытæ æмæ пырх фæндагыл цæуын адæм бафæлладысты. Ныр Цымытийы цæрджытæ цин кæнынц, сæ хæдтулгæтæ фæлмæн æмæ æмраст фæндагыл кæй сыффытт кæнынц, ууыл. Зæгъын хъæуы уый, æмæ Цымытийæ скъоладзауты æрвылбон фæхъæуы цæуын Къостайы хъæумæ ахуыр кæнынмæ. Уæдæ сывæллæтты рæвдауæндон дæр ис Къостайы хъæуы. Цалцæггæнæн куыстытæ фесты иу мæйы æмгъуыдмæ. Ацы фæндагыл ма рацараздзысты æндæр фæндаджы уаццаг дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цымыти æмæ Къостайы хъæуты хсæн фæндаг цалцæггонд æрцыд
Категория:
Новости и СМИ