Цæгат Ирыстоны армрестлертæ сæхи цæттæ кæнынц Уæрæсейы чемпионатмæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

Цæгат Ирыстоны иугонд командæйы спорсментæ сæхи цæттæ кæнынц Уæрæсейы чемпионатмæ. Райдайдзæн 18-æм февралы, Екатеринбургы. Нæ республикæйæ дзы архайдзысты, регионалон къæпхæны йæхи æнтыстджынæй чи равдыста, уыдон. Ныр сæ тыхыл тых æфтауынц, цæмæй уæлдæр ерысты дæр уæлахизæй сæхи равдисой. Комадæйы ис 18 спортсмены, 9 лæппуйы æмæ 9 чызджы. Сты алы кары архайджытæ. Сæ дæсныдзинад сæ алкæй дæр фæнды равдисын æмæ сæхиуыл кусынц бæстонæй. Дур-дуры фыццæгæм скъолайы спортсментæй республикæйы чемпионаты 1-аг бынæттæ чи бацахста, уыдон сæхи цæттæ кæнынц, 18 февралы армрестлингæй цы Уæрæсейы чемпионат уыдзæн, уырдæм. Архайы дзы æстдæс спортсмены, 9 лæппу æмæ 9 чызджы, сты алы кары архайджытæ. Сæ дæсныдзинад æмæ арæхстдзинад сæ алкæй дæр фæнды равдисын æмæ сæхиуыл кусынц бæстонæй. Алчидæр сæ ацы спортмæ йæ хъарутæ бавзарынмæ æрбацыд барвæндонæй. Сабанты Дзамболат алы бон дæр æрбацæуы тренировкæтæм, Куыд зæгъы, афтæмæй йæ хъæуы бæстонæй бакусын, цæмæй иттæг цæттæдзинад равдиса, уый тыххæй. Фæнды йæ рамбулын Уæрæсейы чемпионаты. Уый та дзурæг у, æвæллайгæйæ кæй архайдзæн, йæ хъарутыл кæй нæ ауæрддзæн, ууыл. Йæхиуыл кусы æмæ йын бирæтæ æнтысгæ дæр кæны. Кæд армрестлингæй фылдæр лæппутæ хæцынц, уæддæр Хуытъиаты Фатимæйы ацы спорты хуыз сразæнгард кодта. Ардæм æрбацыд йæ хъарутæ бавзарынмæ æмæ нæ фæфæсмон кодта. Ныр цыппæрæм хатт армрестлингæй цæуы Уæрæсейы чемпионатмæ. Куыд зæгъы, афтæмæй ацы спорт йæ зæрдæмæ тынг цæуы. Сабанты Олег 15 азы дæргъы йæ зонындзинæдтæ лæвар кæны йæ хъомылгæнинæгтæн. Ныртæккæ йæм ис æдæппæтæй 45 ахуыргæнинаджы гыццыл æмæ астæуккаг къордты. Семæ кæны бæстон куыст, амоны сын æппæт сусæгдзинæдтæ. Цы бæстыхайы ерыс кæнынц, уый æрбынат кодта Дур-дуры 1-æм скъолайæн йæ уæллаг фарс, арæзт у хицæнæй. Мидæмæ бахизгæйæ, фенæн ис ног райдзаст агъуыст, йæ къултæ æмæ пъолтæ сты бæстон арæзт, уæдæ цы спортивон техникæйыл архайынц, уый дæр у нырыккон. Сабанты Олег куыд зæгъы, афтæмæй 6 мæймæ сæхи хъарутæй бацалцæг кодтой ацы бæстыхай. Республикæйы чемпионаты армрестлингæй 1-аг бынат чи бацахста, уыцы иумæйаг къорд ныртæккæ цæттæ кæнынц Уæрæсейы чемпионатмæ. Ацæудзæн 18 февралы Екатеринбургы. Спортивон къорды ис 18 спортсмены, Уæрæсейы чемпионаты архайдзысты æртыккаг хатт. Хъæуы администрацийы сæргълæууæг Цагъаты Сослан сын баххуыс кæны чемпионатмæ ацæуыны хъуыддаджы. Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр сæм фæкæсы. Сабанты Оледжы ныхасмæ гæсгæ, æппынæдзух сæ фарсмæ балæууынц. Ацы хатт дæр та спортсментæ Ирыстоны кад Уæрæсейы чемпионаты кæй бахъахъхъæндзысты, уый дызæрдыггаг нæу. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстоны армрестлертæ сæхи цæттæ кæнынц Уæрæсейы чемпионатмæ

Категория:

Новости и СМИ